КАРТИНЫ ГОРСКОЙ ЖИЗНИ В
ТВОРЧЕСТВЕ КУДЗАГА ДЗЕСОВА
ХÆХХОН ЦАРДЫ
НЫВТÆ ДЗЕСТЫ КУЫДЗÆДЖЫ СФÆЛДЫСТАДЫ
Туаева Л.А., доцент кафедры осетинской филологии СОГПИ
Битиева М., обучающаяся Б-АН2 курса факультета лингвистики
СОГПИ
Фӕстаг
рӕстӕджы нӕ цардыуаджы ӕппӕт къабӕзты
дӕр нӕукон-техникон фӕрӕзтӕ сӕ тыхы куы
бацыдысты, уӕд афтӕ зыны, цыма адӕймаг техникӕйы аууон
аззади: хъус ӕм ничи дары, ӕхсӕнады мидӕг йӕ
нысан фӕцудыдта, фӕлӕмӕгъ сты йӕ удыскондмӕ
домӕнтӕ.
Уæвгӕйæ
та, нӕ бӕстӕйы социалон-экономикон ӕнтыстыты
ратӕдзæн у адӕймаг: йӕ зонд, йӕ
фæлтӕрддзинад, йӕ арӕхстдзинæдтæ.
Уымӕ гæсгӕ, адӕмӕн сӕ царды сӕйраг
нысан сси гуманистон ахаст адӕймагмӕ. Ахӕм принципы бындурыл
арӕзт сты нырыккон ахуырадон домӕнтӕ дӕр,
цӕмӕй фылдæр ӕргом здӕхт цӕуа
рӕзгӕ фӕлтӕры хъомыладмӕ. Амонын
фæсивæдæн, адӕймаджы удыхъӕд
рӕсугъддӕр чи кӕны, уыцы хӕрзтӕ: кад,
ӕгъдау, ӕфсарм, намыс, уарзондзинад, райгуырӕн
бӕстӕ, ныййарӕгӕн аргъ кӕнын, куыстмæ
тырнын ӕ. ӕнд.
Ацы хъомыладон
нысантӕ къухы бафтынӕн хорз ахъаз у аив литературӕ, ирон
фысджыты хуыздӕр уацмыстӕ, уыдонимӕ – Дзесты Куыдзӕджы
радзырдтӕ дӕр.
Дзесты Куыдзӕджы
уацмыстӕн сӕ фылдӕр баст сты ирон адӕмы цардимӕ –
Хуссарӕй-Цӕгатмӕ. Фыссӕг хорз зыдта ирон цард
ӕмӕ йӕ йӕхиуыл бавзӕрста алы хуызты. Йӕ радзырдты ӕрмӕг
ӕмӕ сюжеттӕ иста царды æцӕгдзинадӕй,
уымӕ гӕсгӕ сӕ ирдӕй зыны ирон цардыуаг
хӕххон ӕвадаты, историон цаутӕ, социалон ивӕнтӕ.
Йӕ радзырдты «баиу сты Секъайы таурӕгъон трагизм æмæ
Арсены аивадон психологизм.» [6, 414 ф.] Арӕх йӕ хъайтарты
хъысмӕттӕ сты трагикон, цы сюжетты ӕвдыст цӕуынц,
уыдоны ис ӕндыгъд драматизм.
Куыдзӕг у
реалистон хуызы нывӕфтыдгӕнӕг царды фӕзындтӕ,
ӕвдисы сӕ бӕлвырдӕй. Йӕ уацмысты цы
фӕлгонцтӕ аразы, уыдон сты ирд, алкӕмӕн дӕр дзы
ис йӕхи цӕсгом, индивидуалон ӕууӕлтӕ.
Фыссӕджы фыццаг
ӕнтыст уыди радзырд «Хорхӕссӕг». Йӕ сюжетон
нывӕзт у хуымӕтӕг. Хохаг хъӕуӕн рагуазалтӕй
басыдысты сӕ хортӕ. Мӕгуыр Темсыр зымӕджы йӕ
гыццыл лӕппуимӕ ацыд хорагур фӕсӕфцӕгмӕ.
Темсырæн йæхи хуызæн мæгуыр, фӕлӕ
рӕдау хӕстӕджытӕ
сарӕзтой тыхст лæгæн хӕрзиуӕг – радтой йын
ӕртӕ путы хор. Хӕссынц фыд ӕмӕ фырт дзаг
дзӕкъултӕ. Схъызыд сыл ӕфцӕгыл, ӕмӕ бабын
сты ӕнамонд бӕлццӕттӕ. Ахӕм цаутӕ незаманты
арӕх цыд хæхбӕсты. Типикон цауӕй дӕсны
фыссӕг скодта ӕвӕджиау аивадон уацмыс. Ӕнгӕс
темӕйыл фыст у Генрик Сенкевичы радзырд «За хлебом». Дыууӕ уацмысы
архайд цӕуы хицӕн уавӕрты, ӕмӕ
хицӕнтӕ сты сӕ персонажты хӕрактертӕ, кӕд
сӕ хъысмӕттӕ ӕмхуызон трагикон сты, уӕддӕр. «Куыдзӕджы
радзырды ис драматизм, йæ хъайтартæ цардыл афтæ тох
кæнынц, æмæ зæрдыл æрлæууын кæнынц Джек
Лондоны радзырдтæ, Хемингуэйы уацау «Зæронд лæг
æмæ денджыз». [6, 414 ф.]
Радзырды фыццаг
рæнхъытæ агайынц зæрдæ. Цыдæр тыхст ис
æрдзы æрфысты. Адæм æмыр катай кæнынц:
тæрсынц сæ хуымтæн басийынæй: «Кæуынæввонг,
æрхæндæгæй æхсæвы тары ныхъхъус и
Уæллагком». [13, 165 ф.] Фæлæ мæгуыр
адæймагæн цæуылдæр зæрдæ дарын,
æнхъæлмæ кæсын - уыцы равг у адæмы психологон
уавæр æвдисæг. Фыссæг арф æмбары æмæ
арæхстджынæй пайда кæны дзырды гæнæнтæй.
Дзырд «кæуынæввонг» йæ мидæг æмбæхсы
тæссаг уавæр: уым æрæмбырд сты, цы уыд æмæ
цы ‘рцæудзæн, уыдоны фæстиуджытæ. Райхæлд
уавæр. Æрцыд æвирхъау фыдбылыз. Басыдысты хортæ.
«Кæуынц æфсиртæ. Кæуынц сусæгæй. Афтæ
ма кæуы ног чындз сæрзæды бын, йæ цæгаты зиан
фехъусгæйæ». [13, 166 ф.]
Фыссæг æрдзы
чысыл æрфыстæй - æфсирты «мæрдон фæлурс»
уындæй- равдыста Уæллагкомы цæрджыты зæрдæйы уаг.
Бæстæ сабыр, адæм- уыргъуыйау. Æрмæст сæ фыййау,
æндæркоймаг лæппу, базарынмæ хъавыд, фæлæ
йыл «чидæр схъæр кодта æмæ банцад». [13, 166
ф.]
Хъыпп-сыпп никæй
дзыхæй хауы. Нæ хъуысы никæцæй нæдæр куыдзы
рæйын, нæдæр - хосдзауты ныхас. «Стæм хатт ма
чидæрдтæ фæзæгъы: «Цæй сæфт фæкодтам,
цæ!» Фæлæ уыцы ныхасмæ дæр дзуапдæттæг
нæ разыны, хорз æй зоны алчидæр, цы ма йыл дзурой!». [13, 167
ф.]
Иумæйаг
нывæй фыссæг райрæзын кæны хицæн ныв. Сюжеты
сæйраг хай у фыд æмæ фырты балц. Сæ хъизæмар
æвдыст цæуы зæрдæхалæн нывтæй, хуызджын
ахорæнтæй: «Схæрд кодтой зымæгон къуылдымыл. Ныронгæй
сын ам бирæ фæзындæр. Къæхтæ бырынц
фæстæмæ, лæгæрдын сæ хъæуы
астæумæ миты. Къæмбыртыл хæцгæйæ,
лæдзæджы æнцойæ хилынц уæлæмæ». [13,
169 ф.]
Фæндагыл
цытæ бавзæрстой фыд
æмæ фырт, уыдон фыссæг нывæфтыд кæны, дзырды
гæнæнтæй иттæг арæхстджынæй пайда
кæнгæйæ. Уыцы хъизæмары нывтæ
кæсгæйæ, адæймагмæ афтæ фæкæсы,
цыма æгас ком дæр фыд æмæ фыртæн сæ
ныхмæ сыстад. Темсыр æмæ Доди бæргæ тындзынц
размæ, фæлæ сæ комы уазал дымгæ йæ
дзæмбытæ ныссагъта æмæ сæ размæ нæ
уадзы. Æмæ та фыд æмæ фырт ноджы фыддæр
уавæры бахауынц: Доди «йæ фыды къахдзæфтæй
фæиппæрд, фæцудыдта æмæ хъæпæны
аирвæзт…» [13, 172 ф.]
«Мæлæты
фæндагыл» цæуыны æнкъард нывтæ кæрæдзийы
ивынц æмæ зæрдæ агайынц: «Темсыр аирвæзт
цæхгæр æрхы…, йæ зæнг цыргъ къæйдурмæ
ныххаста æмæ æгасæй, суанг агъды рæбынмæ
авдæрзти. …Зæнджы туг нал
æнцад, æмæ йæ дзæкъулæй æрбатыхта».
[13, 172 ф.]
Ацы
зæрдæхалæн нывтæй Куыдзæг æвдисы
адæймаджы диссаджы хъару, йæ фæразондзинад æмæ
стыр ныфс, цардыл тох кæнгæйæ. Уыимæ уыцы нывты зынынц
фыд æмæ фырты ахастдзинæдтæ, сæ уæздан
æмæ тыхджын уарзондзинад: «Тынг фæтарсти Темсыр. Уыциу
гæпп баласта йæ фыртмæ. Цы дыл æрцыди, Доди? Стæ
- ма, удæгас ма дæ? Уæй, цæй æнамонд боны
райгуырдтæн, цæ!-йæ дзыхы дзаг нырдиаг кодта Темсыр». [13,
179 ф.]
Радзырды фæстаг
рæнхъытæ уæлдай тынгдæр агайынц адæймаджы
зæрдæ. Фыссæг, уырзæй сгарæгау
æвзæрст дзырдтæй уыцы иу хъуыдыйадæй равдыста Темсыр
æмæ Додийы уарзон ахастытæ, кæрæдзийыл æнувыддзинад.
Уымæй уæлдай чиныгкæсæгмæ
фæхæццæ кодта се сæфты хабар хъавгæ
ныхасæй: «…Арф ингæн - комы та сæмбæлдысты фыд
æмæ фырт, фæлæ ацы хатт кæрæдзийы нал
базыдтой». [13, 179 ф.]
Хъайтарты удхар,
сæ цардыл тохы хабæрттæ радзырды афтæ хуызы
æвдыст цæуынц, æмæ нæ фыссæг æрхоны
хатдзæгмæ: сæ хъизæмæрттæ сты,
адæймаг стыр æмæ рæсугъд кæй у, уый
æвдисæн.
Радзырды
бæрæгæй зыны Куыдзæджы гуманизм: фыссæгæн
адæймаг у зынаргъ æмæ йын кæны кад.
Дзесты Куыдзæджы
намысон идейæтæ ноджы ирддæрæй зынынц йæ уацау
«Фæндагсар Уастырджи»-йы. Уацмыс фыст æрцыд 70-æм азты.
Æрыгон лæппу амардта æфхæрæг æлдары
æмæ алыгъд йæ хъæуæй. Лидзын бахъуыд йæ мад
æмæ йæ фыды дæр. Лæг æмæ ус
æрцардысты Урстуалты, иу æфцæгрæбын. Дзаххо йæ
цæст дары фæндагмæ, æххуыс кæны
бæлццæттæн, æмæ йæ адæм схуыдтой
Фæндагсар Уастырджи. Ахæм у уацмысы хуымæтæг сюжет.
Фæлæ йæ мидис у арф æмæ уæрæх.
Æвдыст дзы цæуынц хæххон цардыуаг, ирон
æгъдæуттæ, адæмы рæдау зæрдæ.
Уацауы сæйраг
архайджытæ сты Дзаххо æмæ Дзитта. Куыдзæг йæ ацы
персонажты дæр хайджын кæны ирон адæймаджы фæзминаг
æууæлтæй. Сæ дзырд, сæ архайд, сæ алы къахдзæф
дæр барынц адæмы гуманистон-намысон цæстæнгасæй.
«Куыст-цардæн
фæрæз»,-зæгъгæ, фæзæгъынц. Фæлæ
Дзаххо æмæ Дзиттайæн суанг ацы куырыхон æмбисонды
фæлгæттæ дæр къуындæг сты. Адæмæн
хорзы бацæуын, тыхст лæгæн баххуыс кæнын - уый у
сæ царды сæйраг нысан.
Æхсæйнаг
хъæуы цæрджытæн сæ уавæртæ бæллиццаг
не сты: «Фæндæгтæ æмæ хидтæ аразын нæ
хъæуы? Æмæ æнæфæндаг хъæу та цы у?
Удæгас адæймаджы ингæны куы нывæрай – раст уый
хуызæн». [14, 348 ф.] Дзаххо сæумæцъæхæй
æмæ æхсæвы тары, уадтымыгъы æхситмæ тындзы
фæндаггоны размæ, «кæд, мыййаг, тымыгъы исчи
фæдзæгъæл…». Ничи йын бахæс кодта, бæлццон
адæмæн фæндагамонæг у, сæ размæ цу,
загъгæ. Фæлæ уый у йæхи цæсгомы, йæ намысы
домæн.
Хæхбæсты
боны хъæды æнæнхъæлæджы фæивдыл адæм
ахуыр сты, фæлæ хохаг хъæумæ уазæг дæр
куыннæ фæзыны. «Лæг æмæ ус фæрæты хъæдæй
баст», - зæгъгæ, хуымæтæджы нæ акæнынц.
Дзитта йæ фæстаг къæбæр дæр хæларæй
дих кæны фæндаггонтимæ. Бæрæгбонау у
хæдзары æфсинæн йæ къæсæрæй
уазæджы æрбахызт. Дзаджджын уæливыхтæй хынцы сæ
хъарм хæдзæрттæй рæстæгмæ иппæрд
фыййæутты. Уазал кæй бацæуа, уыдонæн Дзитта дары
уæларт хъарм хæринаг. Уазджытæ фæлладæй сæ
хуыссæн куы ссарынц, уæд ма фæбады æнафонмæ
æрмæст Дзитта: артмæ сын сæ дарæс фæхус
кæны.
Куыдзæджы уацауы
ирон æмбисонд -«Раттæджы къух райсаг у»,- зæгъгæ,
цардæгас хуыз райсы. Фысымты хæрзтæ хорздзинадæй фидынц
адæм: чи сæм къуымбилæй фæкаст, чи - хъæугæ
хæдзары дзаумайæ, хæрзхаст уæрыччытæ дæр ма
баскъæрдтой Дзиттайы хæдзармæ. Дзаххо æмæ
Дзиттайы артдзæст сси адæмæн уарзон, сæ кады ном дардыл
айхъуыст. Кæд сæ авналæнтæ кадавар сты,
уæддæр сæ зæрдæйы хъармæй
æххæссынц алкæуыл дæр- хионæй,
æддагонæй. Автор буц у ирон адæмы æгъдауæй,
фыдæлтæ баззайгæ намысон фæдзæхстытæй.
Уырыссаг лæг,
геолог Никъалаимæ хæстæгдæр куы базонгæ сты,
уæд Дзаххо бамбæрста, хæрзаудæн æмæ
хæрзæгъдаудзинады æууæлтæ алкæм дæр
æмхуызон кæй сты.
«Адæмы
хорзæх нæ куы уа, уæд нын тас ницæмæй у!»-
афтæ дзураг сты Куыдзæджы хъайтартæ, æмæ
кæд хъæуæй дæрддзæфгомау ис сæ мæгуыр
къæс, уæддæр рох никæмæй у. Сæхи загъдау,
мæгуыр уый у, æмæ бирæ адæмы астæу
дæр иунæг чи вæййы.
Йæ уаг, йæ
архайдæй, тыхст адæймагæн баххуыс кæныны
æууæлтæй ирон адæмы уарзондæр мифологон персонажы
халдих у Дзаххо дæр. Фыссæг зæххон адæймаджы, йæ
фæстæ цы фæд ныууагъта, уымæ гæсгæ
æвæры уæларвон
бардуаджы æмсæр. Тыхджын эмоцион уагыл фыст у, тымыгъы чи
фæдзæгъæл, уыцы адæмы уавæр: «Дзаххойы
æфцæджы сæрмæ бирæ нал хъуыд, афтæ
дымгæ фæсабыр.
Æмæ уалынмæ адæймаджы æнуд цæхахст:
-Кæм дæ, цы
фæдæ, Уастырджи!
-Мæнæ!
Мæнæ! – зæгъгæ, ныхъхъæр кодта Дзаххо…Фыр
цинæй йæ хъуыдыйы нал æрцыди, уыцы бæлццон Уастырджимæ
кæй хъæр кæны, уый дæр æмæ атындзыдта,
хъæр æм кæцæй хъуыст, уыцырдæм…» [14]
Адæмæн
зардæбын лæггад кæнын, æппæтыл арм дарын -
ахæм у Дзаххо æмæ Дзиттайы цардвæндаджы
фæрнæйдзаг æмæ фæзминаг фæтк.
Дзесты Куыдзæджы
уацмыстæ сты царды фæдыл сагъæсты хатдзæг, авторы
намысон ныстуан йæ фæстаггæттæн, абоны
фæлтæрæн.
Цгъойты Хазби раст
загъта: «Дзаххойы удыхъæды уыдтон Куыдзæгæн йæхи.
Уымæн æмæ йæхæдæг дæр ахæм уыд.
Уыйау æм Уастырджийы-мæгуырты, тыхст адæмы ирвæзынгæнæджы
миниуджытæ уыд». [4]
Литературæ:
1.
Бичегкуева
О.Д. Осетинские фамильные образования в творчестве К.Л. Хетагурова //
Лингвистические этюды Владикавказ, 2000. С. 293-303.
2.
Борукаева
А., Туаева Л.А. Эстетика осетинского детского фольклора (материнская поэзия) //Молодежь
и наука. Владикавказ, 2014. С. 69-74.
3.
Гацалова
Л.Б., Парсиева Л.К. Инновационные возможности осетинского языка //
Фундаментальные исследования. 2012. № 11-3. С. 727-730.
4.
Джикаев
Ш. История родной литературы. Дзæуджыхъæу: Ир, 2002, с.414
5.
Дзусова
Б.Т. Отражение национального речевого этикета осетин в письмах К.Л. Хетагурова
// Современные проблемы науки и образования. 2015. № 3. С. 368.
6.
Дзусова
Б.Т. Специфика осетинского национального речевого этикета // Современные
проблемы науки и образования. 2014. № 5. С. 572.
7.
Дзусова
Б.Т., Дзукаева Э.С. О месте осетинского речевого этикета в республиканских СМИ
//Балтийский гуманитарный журнал. 2015. № 4 (13). С. 14-15.
8.
Дзусова
Б.Т., Теблоева З.Б. Система упражнений по речевому развитию младших школьников
на основе восприятия картин //Азимут научных исследований: педагогика и
психология. 2015. № 4 (13). С. 40-43.
9.
Парсиева
Л.К., Гацалова Л.Б. Активные процессы в языковой системе // Фундаментальные
исследования. 2008. № 4. С. 79.
10. Парсиева Л.К., Гацалова
Л.Б. Дистрибутивный анализ фонемы /къ/-/кI/ в осетинском и
чеченском языках // Современные проблемы науки и образования. 2014. № 2. С.
551.
11. Туаева Л.А. Методика
изучения произведений малого жанра в начальной школе в условиях
полилингвальности // Вектор науки Тольяттинского государственного университета.
Серия: Педагогика, психология. 2014. № 4 (19). С. 171-174.
12. Цаликова М.А. Изучение устойчивых сравнений в
осетинской школе. Учебно-методическое пособие / Под ред. З.Х. Тедтоевой.
Владикавказ, 2011. – 53 с.
13. Цаликова М.А. Развитие речи билингвов с
опорой на языковой изоморфизм // Актуальные проблемы науки на современном этапе
развития. Сборник статей Международной научно-практической конференции.
Ответственный редактор: Сукиасян Асатур Альбертович. 2015. С. 296-300.